ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан æмæ фæсивæдон политикæ æмæ административон куысты ректоры хæдивæг Кокайты Алан архайынц Мæскуыйы Уырыссаг географион æхсæнады XVII съезды куысты. Фондз азы дæргъы дæсныйадæн æмæ фидæнмæ стартегийы арæзтæн нысангонд егъау форум æрæмбырд кодта нæ бæстæйы дыууæсæдæ делегатæй фылдæр.

Съезды фыццаг бон уыд нысангонд РГО-йы æхсæз бындурон къамисы бæстон отчетæн æмæ æндæр цаутæн. Архайджытæ байхъуыстой туризмы райрæзты Къамисы, Æппынæдзух æрдзхъахъхъæнынады къамисы, территориалон организаци æмæ пълан кæныны, географион æмæ геоэкологион ахуырады  Къамисы, Фæсивæдон змæлды райрæзты æмæ Этнографион къамисы докдадтæм. Балæвæрд отчетты хатдзæгтæм гæсгæ съезды делегаттæ æмхъæлæсæй ныффидар кодтой  æппæт къамисты куыст æмæ фæнысан кодтой, Æхсæнады бæрнон хæс сæххæст кæнынмæ цы зынгæ бавæрæн бахастой, уый.

Съезды программæйы дыккаг бонмæ бацыдысты РГО-йы Ахуыргонд совет æмæ Разамынды советы дæсныйады тыххæйы отчеттæ. Уырыссаг географион æхсæнады 2020 азæй куыст æмæ æнтыстыты тыххæй сæйраг доклад бакæсдзæн РГО-йы президент Сергей Шойгу.

Съезды архайджытæ равзардзысты бындурон стратегион хæстæ: 2030 азмæ РГО-йы райрæзты гæнæтæ сбæрæг кæнын, 2035 азмæ куысты сæйрагдæр фæзилæнтæ ныффидар кæнын æмæ равзарын Æхсæнады разамынды органты. Зæрдæ дарынц, съезды куысты кæй архайдзæн Уæрæсейы президент Владимир Путин.

Делегация СОГУ участвует в историческом XVII съезде Русского географического общества