2025 азы кæфты мæйы 7-æм бонæй 13-æм бонмæ цæудзæн статистикæйы Æппæтдунеон бонмæ нысангонд Æппæтуæрæсеон статистикон диктант.  Акци сарæзтой паддзахадон статистикæйы Федералон службæ (Росстат).

Диктанты нысан – статистикæмæ цымыдисдзинад бæрзонддæр кæнын æмæ адæмы ‘хсæн статистикæйы хæрзахуыры рапарахат. Диктант цæудзæн офлайн-форматы тесты хуызы, 30 хæслæвæрдмæ бацæудзысты статистикон зонады алыхуызон фæрстытæ.

Архайæн ис, куыд ахуырадон процессы фæлгæтты, афтæ хибарæй дæр – цыфæнды афон. Алы архайæг дæр райсдзæн тесы хатдзæгтæм гæсгæ йæхи номыл сертификат электрон хуызы.

Акци цæуы 2019 азæй æмæ дзы архайдтой Уæрæсейы Федерацийы регионтæй 60 мин адæймагæй фылдæр. 2024 азы фæуæрæхдæр – архайдтой дзы 23 фæсарæйнаг бæстæйы.

Архайын сæ бон у алкæмæн дæр (цыфæнды кары æмæ кæцыфæнды бæстæй). Æрмæстдæр зонын хъæуы уырыссаг æвзаг.

Архайут сымах дæр æмæ сбæрæг кæнут уæ статистикон хæрзахуыр.

Росстат приглашает к участию во Всероссийском статистическом диктанте