Дзæуджыхъæуы ацыд, Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуырадон уагдæтты студентты архайдимæ, динимæ баст фæсивæдон форум «Межконфессиональные ценности». Мадзал ацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы. Йæ аразджытæ уыдысыты Цæгат Ирыстоны пысылмон дины управлени (ДУМСО) æмæ исламы культурæ, наукæ æмæ ахуырадæн æххуысы Фонд.

Фæсивæдон форумы архайджытимæ ныхас кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, фæбæрæг кодта, сарæзт мадзал ахсджиаг кæй у, уæрæсейаг æхсæнады дарддæры рæзт æмæ йæ фидардзинадыл дзурæг фæрстытæ актуалон кæй сты.

– Цæгат Ирыстоны хæларæй цæрынц æмæ кусынц сæдæ адæмыхатты минæварæй фылдæр кæрæдзи æмбаргæйæ, кæрæдзийæн æххуыс кæнгæйæ. Дисы мæ æфтауынц нæ фæсивæд – нæ Фыдыбæстæйы фидæныл дзурæг фæрстытæм зæрдæргъæвдæй сæ хъус кæй дарынц. Махæн нæ хæс у сымахмæ фæхæццæ кæннын æппæтæй вазыгджындæр – бирæнацион Уæрæсейы иудзинад, – фæнысан кодта Сергей Меняйло

Регионы сæргълæууæг ма фæбæрæг кодта, традицион хæзнаты бахъахъхъæд æмæ бæстæмæ уарзондзинад кæй у нæ сæйраг хæстæй иу.

Абон мах бирæвæрсыг куыст кæнæм адæмыхæттыты ‘хсæн ахастыты фидыцыл, экстремистон фæзындтæ æмæ терроризмы идеологийы ныхмæ тохыл. Цæстдард цæуы Цæгат Ирыстоны территорийыл цæрæг адæмты этнокультурон хъæугæ уавæртæ саразынмæ. Республикæйы æнтыстджынæй кусынц 36 национ-культурон центры æмæ æхсæнады. Зынгæ бынат ахсынц динимæ баст иугæндтæ. Уырны мæ, абоны мадзалы фæлгæтты кæй фæзындзæн ног хъæппæристæ, лыггæнинаг фарстатæн æмбæлгæ уынаффæтæ кæй рахæсдзысты æмæ сæм профилон органтæ сæ хъус кæй дардзысты, – загъта Сергей Меняйло.

Мадзалы архайджытæ æрдзырдтой фæсивæды ‘хсæн традицион æгъдæуутæ бахъахъхъæныныл, Уæрæсейы традицион динты минæвæрттæ куыд ахадынц нæ бæстæйы фæлтæрты удварн-моралон хъомыладыл.

Фембæлды сæрмагонд дины минæвæрттæ уыдысты Дзæуджыхъæу æмæ Алайнаг архиепископ Герасим (Виталий Шевцов) æмæ Цæгат Ирыстоны муфтий Гуæцæлты Хаджимурат. Дины кусджытæ фæсивæдимæ ныхас кодтой бинонты удварны æгъдау, фæлтæрты ‘хсæн бастдзинад æмæ абоны уавæрты æхсæнады иудзинад бахъахъхъæныны фæдыл.
Форумы куысты ма архайдтой сæйраг федералон инспектор РЦИ-Аланийы Сергей Гончаров, ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан, исламы культурæ, наукæ æмæ ахуырадæн æххуысгæнæг Фонды директор Михаил Грязнов, националон-культурон æхсæнад æмæ республикæйы барад æххæстгæнæг органты минæвæрттæ.

В СОГУ прошел межрелигиозный молодежный форум