ЦИПУ-йы фæсивæдон политикæ æмæ административон куысты ректоры хæдивæг Кокайты Алан архайдта фæсивæдон политикæ æмæ хъомыладон куыстæн нысангонд Æппæтуæрæсеон конгрессы. Ацыд Мæскуыйы Националон центр «Россия»-йы.
Конгресс у Уæрæсейы Федерацийы наукæ æмæ уæлдæр ахуырады Министрады арæзт сæрмагонд бындурон мадзал. Архайдтой дзы 487 уæлдæр ахуырадон уагдонæй æмæ ахæм ахуырадон уагдæтты 108 филиалтæй 600 минæвары Уæрæсейы æппæт федералон зылдтæй æмæ историон регионтæй.
Программæйы фæлгæтты скодтой хатдзæгтæ фæсивæдон политикæйы куыстæн университетты, æркастысты хъомыладон дæсныйады мониторингы æвдисæнтæм æмæ снысан кодтой 2026 азмæ йæ райрæзты сæрмагонд фæзилæнтæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет равдыстой сæ фæлтæрддзинад фæсивæдон æмæ хъомыладон дæсныйадæй, уырдæм бацыдысты студентты хиуынаффæйады райрæзты, бархионты хъæппæристы æмæ граждайнаг-патриотон хъомыладæй проекттæ.
Мадзалы хатдзæгтæм гæсгæ сырæзт 2026 азæн уæлдæр ахуырадон уагдæтты хъомыладон дæсныйады рæйрæзты иумæйаг стратеги, сбæрæг кодтой хицауады федералон органтимæ æмгуысты гæнæнтæ æмæ æвдыст æрцыдысты хуыздæр регионалон практикæтæ.
Проректор СОГУ Алан Кокаев принял участие во Всероссийском конгрессе по молодежной политике в Москве


