Æппæтуæрæсеон этап ацыд Мæскуыйы Джеоргуыбайы мæйы 24 бонæй цыппурсы мæйы 1-æм бонмæ. Цæгат Ирыстоны номæй дзы архайдтой Мария Тамерьян, Хъæрæцаты Аким æмæ Шкарина Анастасия.

Нæ бæстæйы сæйраг горæтмæ æрæмбырд сты Уæрæсейы 25 регионæй фæндзай адæймагмæ æввахс. Æдæппæтæй та проекты архайдтой 303 адæймаджы 38 горæтæй. Программæйы регионалон блочы хъусджытæ ныффыстой æмæ систой 477 æрмæджы, 64 дзы мыхуыры рацыдысты федералон æмæ регионалон дзыллон хабархæссæг фæрæзты. Федералон блочы ахуыртæм æрæмбырд сты хъусджытæ æмæ куратортæ 50-йæ нæ бæстæйы 21 регионæй.

Федералон этапы рæстæг студенттæ къуырийы мидæг хъуыстой æхсæнадæмон ахастыты хайы хуыздæр специалистты лекцитæм, архайдтой мастер-классты, куыстой хакатоныл æмæ уыдысты этноэкспедицийы Коломны.

«Фыццаг бон уыдыстæм адæмыхаттон æмæ регионалон дзыллон хабархæссæг фæрæзты IX Медиафорумы. Ацы аз форумæн уыд актуалон темæ «Защита Отечества и историческая правда в медиа», ацыд та Уæлахизы Музейы. Уырдæм фæхуыдтой экспертты, журналистты æмæ хицауады минæвæртты. Дыккаг бон регионалон блочы фынддæс хуыздæр куысты авторты схорзæхджын кодтой дипломтæй æмæ лæвæрттæй: Æппæтуæрæсеон музыкалон проект «Звук Евразии»-йы музыкалон æмæ сфæлдыстадон альбомæй. Уыдоны ‘хсæн уыддæн æз дæр», – загъта Анна Шкарина.

Уый фæстæ алы Скъола дæр равдыста презентаци, ахуыртæ куыд ацыдысты, цавæр æрмæджытæ бацæттæ кодтой курсы рæстæг, цавæр мадзæлтты архайдтой æмæ эксперттæй кæимæ сæ бон бацис фембæлын, ууыл.

Джеоргуыбайы мæйы 28 бон адæмыхæттыты ‘хсæн журналистикæйы Гильди адæмыхæттыты хъуыддæгты Федералон агентады æххуысæй бацæттæгонд Æппæтуæрæсеон зондамонæн проект «Школа межэтнической журналистики»-йы хъусджытæ ацыдысты Коломнмæ. Этноэкспедицийы фæлгæтты æрыгон журналисттæ тезгъо кодтой рагон горæты уынгты, бацыдысты Коломны пастилайы музей-фабрикæмæ, бахордтой коломенскæйаг адджын гуылтæ æмæ бацыдысты «историон роман»-ы жанры фыдæл Иван Лежачниковы хæдзармæ.

Иу бон ма уыдис нысангонд æхсджиаг темæтæн æмæ паддзахадон националон политикæйы хайы хуыздæр экспертты раныхасæн. Уыдон фæсивæдæн дзырдтой паддзахадон националон политикæйы ног стратегитыл, миграцион проблемæтыл, автономиты националон культурæтæ æмæ конфессионалон бадзырдтыл. Федералон хайы фæстаг бон ацыд фæлтæрдджын журналистты æмæ регионалон Скъолайы хайæдты мастер-классты цикл, скодтой хатдзæгтæ медиахакатонæн, федералон этапы архайджытæ райстой курс ацæуыны сертификаттæ.

Æппæтуæрæсеон зондамонæн проект «Школа межэтнической журналистики» бацæттæ кодта адæмыхæттыты ‘хсæн журналистикæйы Гильди адæмыхæттыты хъуыддæгты Федералон агентады æххуысæй.

В Москве завершился федеральный этап Школы межэтнической журналистики