2025 азы цыппурсы мæйы 1-æм бонæй байгом æрыгон архитектортæ æмæ урбанистты IX Æппæтуæрæсеон конкурс «Идеи, преображающие города»-мæ курдиæтты райст. Конкурсы нысан у фæсивæды сразæнгард кæнын горæттæ æмæ хъæуты нырыккон царды уавæртæ саразынæн тырнынмæ.   

Конкурс ис Уæрæсейы Федерацийы рухсады Министрады 2025/2026-æм ахуыры азы мадзæлтты официалон номхыгъды æмæ здæхт у фæсивæдмæ интеллектуалон æмæ сфæлдыстадон курдиат рæзын кæнынмæ.

Архайджытæн сæ бон уыдзæн ног æхсæнадон бынæттæ саразынæн, цæрæн бынæтты алфамбылай аивдæр кæнынæн, горæты царды уавæр хуыздæр кæнынæн бацæттæ кæнын проекттæ. Конкурсы хицæн номинацитæ здæхт сты хъæуккаг территоритæ æмæ архитектурæйы райрæзтмæ. Уый та къаннæг цæрæн бынæттæй авторты хъæппæристæн дæтты уæлæмхасæн гæнæнтæ.

Конкурс ацæудзæн дыууæ этапæй:

Фæсаууонмæ этап – 2025-æм азы цыппурсы мæйы 1-æм бонæй 2026-æм азы хуымгæнæны 20-æм бонмæ;

Комкоммæ этап – 2026-æм азы зæрдæвæрæны мæйы 28-30 бонты архитектурæ æмæ дизайн «APX Москва»-йы XXXI Æхсæнадæмон равдысты фæлгæтты.

Ацы этапы архайджытæн уыдзæн уникалон фадат сæ проекттæ равдисын нæ бæстæйы егъау профессионалон фæзуæттæй иуыл, хуыздæр специалисттимæ аныхас кæнын архитектурæ æмæ урбанистикæйы къабазы. Федералон æмвæзадыл хи равдисын.

Конкурсы уæлахиздзауты проекттæ бадæтдзысты бынæттон хиуынаффæйады органтæм горæттæ æмæ хъæуты территоритыл сæ дарддæры сæххæсты фæдыл æмæ сын фæзындзæн фадат сæ фæндты фæстиуджытæ фенынæн.

Стартовал IX Всероссийский конкурс «Идеи, преображающие города»