Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты Цæгат Ирыстоны ПАО Сбербанчы хайады æххуысæй ацыд бизнес-хъазт «Стартап».

Хъазты иумæ архайдтой, хи сæрмагонд бизнес-проекттæ саразын æмæ сыл дарддæр кусыныл хъуыдыгæнæг активондæр студенттæ республикæйы цыппар уæлдæр ахуырадон уагдонæй– ЦИПУ, ХПАУ, ДзРИ  æмæ ЦКХМИ-йæ.

Хъазты рæстæг архайджытæ сæхи бафæлвæрдтой стартапты директорты бынаты: арæзтой бизнес-модельтæ, хастой разамынды уынаффæтæ, архайдтой æхцайы фæрæзтæ байуарын, иннæ командæты проекттæм, тæссагдзинады уавæртæн аргъ кæнгæйæ, æхца лæвæрдтой. Ахæм практикон архайд студенттæн радта амалдариуæгады сæ тыхтæ бавзарыны фадат, сæ хъæппæристыл дзурын, райсын командон куысты фæлтæрддзинад.

Бизнес-хъазты руаджы студенттæ сæ фыццаг къахдзæфтæ бакодтой стартапы дунемæ – чи зоны, кæмæндæр ам райдыдта йæ фæндаг хи сæрмагонд хъуыддагмæ.

Тагъд ацы эстафетæ айсдзысты республикæйы колледжтæ – ЦИПУ-йы Медицинон колледж, Электрон колледж, ХМТ æмæ ЦИПБЭК. Архайджытæ ерыс кæндзысты проект райдианæй саразыны, фæнд бафæлварыны, базарадмæ рахизыны æмæ фыццаг клиенттæ æмæ æхцайы фæрæзтæ химæ раздахыны ахуырадон программæ «Сбер Акселераторе»- ы архайыны барыл.

В СОГУ прошла бизнес-игра «Стартап» от Сбербанка