Мадæлон æвзæгты Æхсæнадæмон боны агъоммæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты ацыд литературон-музыкалон изæр.
Факультеты студенттæ бацæттæ кодтой ирон поэтты æмдзæвгæтæ, зарджытæ мадæлон æвзагыл æмæ националон кæфтытæ. Фембæлды уазджытæ уыдысты Джызæлы скъола-интернаты ахуырдзаутæ. Æвзонг архайджытæ кастысты æмдзæвгæтæ ирон æвзагыл, уымæй æвдстой, нæ культурæйыл æнувыддзинад æмæ йæ райрæзт.
Бæрæгбон уыдис æцæг æхсæнадæмон. Фембæлдмæ æрбацыдсты ЦИПУ-йы фæсарæйнаг студенттæ дæр – бакастысты æмдзæвгæтæ лезгинаг, араббаг, испайнаг, суахили æвзæгтыл æмæ равдыстой, мадæлон æвзаг цыфæнды бынаты дæр куыд рæсугъд зæлы.
Æвзаджы фидæныл дзырдтой ЦИПУ-йы математикæ æмæ компьютерон зонæдты факультеты студенттæ дæр. Равдыстой цифрон раиртæстытæ ирон æвзаг ахуыр кæнынæн: бот (https://t.me/ossetianverbsbot?ysclid=mluuoz5u5g750589622) ирон æвзаджы ивгъуыд афоны мивдисджытимæ куысты. Ацы райрæзт æххуыс у æвзаг чи ахуыр кæны, уыдонæн грамматикæ ныффидар кæнын алы цифрон форматы. Уымæй уæлдай ма равдыстой платформæ хъæзтытимæ ирон æвзагыл Рудзынг.РФ (https://xn--c1abjyms2d.xn--p1ai/). Æххуыс сты æрмæст улæфынæн нæ, фæлæ хи фæлварынæн æвзаг ахуыр кæныны. Ссылкæтыл ахизут æмæ хæстæгдæр базонгæ уыдзыстут нæ студентты рацарæзтытимæ.
Мадæлон æвзæгты Æхсæнадæмон бон æрвылаз бæрæг кæнынц æппæт дунейы æртхъирæны 21 бон. 1999 азы ЮНЕСКО-йы снысангонд бæрæгбон нывонгонд у адæмыхæттыты æмæ культурæйы уникалондзинадæн æппæт планетæйыл.
Ацы бæрæгбоны сынысан бæттынц 1952 азы æртхъирæны мæйы 21 бон Даккейы (нырыккон Бангладеш) трагикон цауты фæдыл. Уыцы бон, бенгайлаг æвзаг Пакистайнаг паддзахадон æвзагыл банымайыны фæдыл рацæуæг студентты фехстой полицæ. Уыцы цаутæ систы æвзагон бартыл тох кæныны нысан.










