Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты байгом психологон диагностикæ æмæ консультацийы Центр. Уæлдæр ахуырадон уагдоны студенттæ æмæ кусджытæ лæвар исдзысты психологты квалификацион æххуыс.

Кадджын уавæры байгоммæ æрбацыдысты ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан, факультетты декантæ æмæ уæлдæр ахуырадон уагдоны администрацийы минæвæрттæ. Центры директор, психологон наукæты кандидат, доцент Виктория Ильченко уазджытæн сарæзта экскурси æмæ сæ базонгæ кодта фидæны куысты фæзилæнтимæ.

«Студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ алы бон æмбæлынц стрессыл æмæ зындзинæдтыл. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, квалификацион психологон æххуысы æнæмæнгдзинад рæзы. Нæ центр арæзт æрцыд, цæмæй ахæм квалификацион æххуыс лæвар æмæ æнцовадатæй исой студенттæ дæр æмæ кусджытæ дæр. Мах фæнды нæ университеты ахæм уавæртæ саразын, æмæ цæмæй мачи æфсæрмы кæна бахъуыды рæстæг æххуысмæ æрбацæуын», – загъта Виктория Ильченко.

Центры специалисттæ быххуыс кæндзысты, ахуыры, социалон адаптаци æмæ сæ райрæзты зындзинад чи æййафы, уыцы студенттæн. Агрессивон хидарынадмæ æргом здахын æмæ студенттæм стрессы ныхмæ æрлæууынæн æххуыс кæнын. Уымæй уæлдай, сæрмагонд цæстард цæудзæн эмоционалон фæлладдзинад æмæ педагогон кусджытæн сæ профессоналон куысты зындзинæдтæм.

Психологы активон æхууысгæнджытæ уыдзысты ЦИПУ-йы психологон-педагогон факультеты студенттæ. Бархионтæн сæ бон уыдзæн архайын тренингты æмæ райсдзысты практикон фæлтæрддзинад, уый та сын фидæны сæ куысты æххуыс уыдзæн.

Студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн сæ бон уыдзæн райсын къорды æмæ индивидуалон консультацитæ. Иу консультацийы рæстæг уыдзæн 50-60 минуты. Хи бафыссæн уыдзæн, ЦИПУ-йы официалон сайтыл курдиат ныууадзгæйæ, кæнæ сайтыл амынд телефонæй. Центр ис Бутырины уынджы 37-æм хæдзары 2-аг æмдзæрæны 1 уæладзыджы æмæ кусы къуырисæрæй майрæмбонмæ 10 сахатæй 18 сахатмæ.

В СОГУ открылся кабинет психологической помощи для студентов и сотрудников