Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты 18 студенты ацæудзысты профессионалон ахуырад программæйæ «Вожатый». Ахæм уынаффæ рахастой æппæтуæрæсеон фæсивæдон æхсæнадон куыстуат «Российские Студенческие Отряды»-йы минæвæрттимæ æрбадты фæстиуджытæм гæсгæ.
Студентты ахуыр кæндзысты лæвар æмæ ахуыртæ райдайдзысты 2026-æм азы тæргæйтты мæйы. Кæронбæттæны архайджытæ райсдзысты паддзахадон хуызæгмæ гæсгæ æвдисæндар æмæ сæ бон уыдзæн кусын Уæрæсейы сывæллæтты лагерты.
Студентон отрядты райрæзт æмæ студентты куыстадон проектты гæнæнтыл ныхас кæм цыд, уыцы фембæлды архайдтой СКФЗ студотрядты зылды штабы командир Барсукова Маргаритæ, РЦИ-Аланийы Централон штабы райрæзты æмæ æмгуысты регионалон хайады разамонæг, ЦИПУ-йы фæсивæдон политикæ æмæ административон куыстæй ректоры хæдивæг Кокайты Алан, фæсивæдон политикæ æмæ социалон фæрстыты фæткдариуæгады хицау Ханайты Измаил æмæ карьерæйы Центры директор Тыджыты Даянæ.
УСО-йы минæвæрттæ радзырдтой цæуæг программæтæ æмæ практикæты тыххæй, уыдон фадат дæттынц студенттæн райсын фыццаг профессионалон фæлтæрддзинад æмæ нæ бæстæйы алы регионты кусыны бар.
Уæлдай цæстдард цыдис уæлдæр ахуырадон уагдоны æмархайдæн УСО-йы регионалон хайадимæ æмæ отрядты дæсныйадмæ студентты сразæнгард кæнынмæ. Студентон отрядты райрæзт у фæсивæдæн æххуысы системæйы ахсджиаг хай æмæ пайда у студенттæн ахуыры рæстæг сæ профессионалон рæзты.



