Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл пддзахадон университеты ацыд зындгонд спортсментимæ фембæлд. Комкоммæ ныхас «фарст-дзуапп»-ы фæлгæтты архайджытæ уыдысты боксер Гасситы Мурат, æхсарджын хæццæ дæсныйады хъайтар Юсуф Раисов æмæ футболист, спортсмен-паралимпаг Абдул Вагабов.
Мадзал ацыд ЦИПУ-йы зонадон библиотекæйы конференц-залы æмæ йæм æрбацыдысты университеты студенттæ æмæ æнæниздзинады къуындæг гæнæнтимæ сывæллæттæ. Зындгонд спортсментимæ фембæлд сын уыдис сæрмагонд лæварау.
Фембæлд бацæттæ кодтой федералон проект «Трудности в спорте на пути к большим победам»-ы фæлгæтты, Цæцæны Республикæйы физикон культурæ æмæ спорты министрады æххуысæй. Проекты нысан уыд комкоммæ æмæ рæстуд диалог саразын зындгонд спортсментæ æмæ рæзгæ фæлтæры ‘хсæн. Мадзалы кадджын уазджытæ уыдысты РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министры хæдивæг Хуадонти Артур, Цæцæны Республикæйы физикон культурæ æмæ спорты министры хæдивæг Хусейн Абдулкаримов æмæ IBA боксы æхсæнадæмон ассоциацийы вице-президент Динислам Саиев. Фæсивæдон политикæ æмæ административон куыстæй ЦИПУ-йы ректоры хæдивæг Кокайты Алан архайджыты суазæг кодта æмæ сын радта арфæйы фыстæджытæ фæсивæды ‘хсæн æнæниз цардыуаг парахатгæнæг кæй сты, уый фæдыл.
«Тынг æхсызгон нын у, абон ахæм адæмы ‘хсæн кæй стæм. Рингыл цæуы, зæгъæн ис, æцæг хæст, тых, тох, фæлæ йе ‘дде та сты тынг хæларзæрдæ. Уый у фæзминаг. Æмæ махæн у тынг ахсджиаг нæ студенттæ уый кæй уынынц. Мах хъомыладон куысты дæр уый у æнæмæнг, цæмæй уыной: рингыл ис спорт, царды та хæларзæрдæ», – фæбæрæг кодта Кокайты Алан.
Гасситы Муратæн ацы фембæлд уыдис уæлдай æхцон – у ЦИПУ-йы рауагъдон. Студенттимæ ныхасгæнгæйæ радзырдта куыд схызт йæ профессийы бæрзæндтæм, уый фæдыл.
«Чемпионтæ цæй фæрцы стæм?.. Ам чи бады, уыдонæй се ‘ппæты тыххæй дæр куы дзурæм, уæд алкæй дæр фæнды хуыздæр уæвын, æрвылбон æнтыстдзинæдтæм тырнын. Алкæмæн дæр ис нысан, цавæрдæр бæрзæндмæ схизын сæ кæцымæ фæнды. Уæхиуыл æууæндут зындзинæдты сæрты хизгæйæ æмæ уыдзыстут æнтыстджын. Бузныг», – загъта Мурат фæсивæдæн. Йæ сæйрагдæр нысан уыдис дуынейы æххæст чемпион суæвын.
Абдул Вагабов, йæ цардыуагон æмæ спортивон фæндаг æнæфæтасгæ фæндондзинады дæнцæг кæмæн у, уый дзырдта, паралимпагты футболæй матчтæ куыд фæцæуынц, уый тыххæй æмæ се ‘нæниздзинадæн къуындæг гæнæнтæ кæмæн ис, уыцы сывæллæттæн ныфсдæттæг ныхæстæ загъта.
Фембæлды рæстæг спортсментæ дзырдтой сæ историтæ, куыд ис старты размæ сæ тыхстыл фæуæлахиз уæвын, куыд цæттæ кæнынц ерыстæм, дзуапп лæвæрдтой студентты фæрстытæн. Уымæй уæлдай, студенттæ архайдтой спортивон конкурсты, проектты æмæ райстой спортсменты къухæвæрдтытимæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Мурат Гассиев, Юсуф Раисов и Абдул Вагабов провели открытый диалог со студентами СОГУ







