Æрцыд, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастытстæм, дæ бæллиц кæд сæххæст уыдзæн уыцы бон, æмæ йæ сæххæст кæнынæн æрмæстдæр хъæуы фестивалмæ курдиат бадæттын.

Ацы азы рухæны мæйы Екатеринбурджы фембæлдзысты 10 мин лидеры 190 бæстæйæ. Уыдонæн ис иумæйаг нысан — сæ бæллицты фæдыл цæуын: ахуыр кæнын, сæ проекттæ æххæст кæнын, æхсæнадæмон диалог рæзын кæнын æмæ ныхасæй æмæ хъуыддагæй дуне хуыздæрмæ ивын.

Национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы æххуысæй фестиваль æрæмбырд кæндзæн алы кары архайджыты: 1000 æвзонг адæймаджы 14 азæй 17 азы онг – 500 Уæрæсейæ æмæ 500 та фæсарæнтæй – сывæллæтты хицæн программæимæ, мадзал хуызыл ацæуыны фæдыл та архайдзæн бархионты корпус 2000 адæймагæй.

Уæрæсе гом у æппæт дунейы адæмтæ æмæ бæстæтæн æмæ, кæд æмæ стут хъаруджын, ныфсхаст æмæ æнкъарæнджын, уæд уæм æнхъæлмæ кæсы рухæны мæйы. Иумæйагæй сараздзыстæм, кæй ничи ныппырх кæндзæн, ахæм хæлардзинады æхсæнадæмон хидтæ.

Фестиваль цæудзæн 2026 азы рухæны мæйы 11-æй 17-æм бонмæ. Архайыны тыххæй регистраци гом уыдзæн 2026 азы хуымгæнæны 30-æм бонмæ сайтыл.

Дæ бæллицы фæдыл цу. Уæрæсеимæ иумæ.

Открыта регистрация на Международный фестиваль молодёжи — 2026