Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты æртæ боны дæргъы хуымгæнæны мæйы 3-æй 5-æм бонмæ ацæудзæн олимпиадæ “Я – профессионал”-ы IX сезоны комкоммæ этап.
Университет суазæг кæндзæн архайджыты олимпиадæйы æртæ фæзилæнмæ гæсгæ – «География», «История и культура России» и «Языкознание и литературоведение».
Профессионалон ерысты сæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинад равдисдзысты 33 архайæджы, се ‘хсæн ЦИПУ-йы аст студенты.
IX сезоны олимпиадæ «Я – профессионал»-ы уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты 2026 азы хурхæтæны мæйы.
Олимпиадæйы кæронбæттæн къæпхæны хатдзæгтæм гæсгæ хуыздæр архайджытæ райсдзысты хæрзиуджытæ. Диплом райсджытæ æнцондæрæй бацæудзысты ахуырады иннæ къæпхæнмæ, медалисттæ та райсдзысты æхцайы премитæ 300 мин сомы онг. Фæсивæдæн ма сæ бон уыдзæн курдиæттæ бадæттын куысты бынæттæм “Я – профессионал”-ы индустрийон партнертæй, мыхуыргонд сты олимпиадæйы карьерæйы порталы.
Ныр цалдæр азы дæргъы ЦИПУ у Санкт-Петербурджы паддзахадон университеты æмархайæг æмæ университеты ацæуынц кæронбæттæн ерыстæ. Ацы аз олимпиадæ цæуы 70 предметон фадыгæй, географи æмæ дизайнæй райдай, æмæ суанг ядерон физикæ æмæ ИИ-йы онг. Олимпиадæ “Я – профессионал” арæзт цæуы национ проект “Фæсивæд æмæ сывæллæттæ”-йы федералон проект “Россия – земля возможностей”-ы фæлгæтты Уæрæсейы наукæ æмæ уæлдæр ахуырады министрады æххуысæй.