Æрвылазон «Наукæйы бонты» фæлгæтты Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты журналистикæйы факультет парламентаризмы 120 азы юбилеймæ сарæзта æрбадт «От исторического «Ныхаса» к моделям завтрашнего дня».
Мадзалы модератор уыд журналистикæйы факультеты декан Хæбæлаты Фатимæ.
Кадджын уазджытæ уыдысты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы Комитеты Сæрдар æмæ Цæгат Ирыстоны парламенты уæнг Еленæ Князева æмæ газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Битарты Маринæ. Арфæ ракодтой æрæмбырдуæвджытæн, Елена Князева та Цæгат Ирыстоны парламенты сæрдар Тускъати Таймуразы номæй журналистикæйы факультетæн балæвар кодта Республикæйы Парламентæн нывонгонд 30 азы сæххæсты цытæн чиныг.
Æрбадты официалон хай байгом кодта журналистикæ æмæ медиакоммуникациты кафедрæйы доцент Хозиты Барис. Йæ раныхасы уый фæнысан кодта парламентаризмы ахадындзинад Ирыстоны – йæ рагон формæтæй абоны бонмæ, традициты æнæфæцудгæдзинад фæнысан кæнгæйæ æмæ сæ æндæвдад нырыккон хицауиуæгады моделты равзæрдыл.
Факультеты студенттæ бакастысты куыстытæ бирæ темæтыл: Уæрæсейы парламентаризмы равзæрды æмæ йæ рæзты историйæ нырыккон парламентон модельтæ æмæ æвзарæн системæты хуызты анализмæ. Сæрмагонд хъусдард æрцыд ирон «Ныхасмæ», куыд рагон демократийы бындурмæ, Цæгат Ирыстоны парламентаризмы историмæ, стæй 2026 азы æвзæрстыты тыхст темæмæ. Докладтæ бакастысты парламенты тыххæй, куыд паддзахадон управленийы институт æмæ нырыккон дуджы парламентон æххæстбарты тыххæй.
Мадзалы сæйраг фæстиуæг уыд Еленæ Князевайы фæндон, цæмæй йæхæдæг разамынд дæтта наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы Комитеты дæлбар журналистикæйы студентты инициативон къорд саразыны тыххæй. Ацы фæндон гом кæны фадæттæ æвзонг иртасджытæн республикæйы æхсæнадон-политикон царды комкоммæ архайынæн æмæ закъондæттæн къабазимæ практикон æмархайд кæнынæн.
Мадзал ацыд «Наукæйы бонты» фæлгæтты, кæцытæ цæуынц ЦИПУ-йы 29 апрелы онг.









