Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты райдыдтой цæуын Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 81 азы кадæн бæрæгбонон æмæ номарæн мадзæлтты рад. Программæ байгом университеты Концертон залы бæрæгбонæн нысангонд концертæй, æрæмбырд дзы 700 студентæй фылдæр, ветерантæ æмæ кадджын уазджытæ.
Бæрæгбоны кадæн сценæйыл сæ аивад равдыстой Уæрæсейы Стыр театры солист Дулаты Дзамболат, Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы иугонд зарæггæнджыты къорд, стæй Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы министрады сывæллæтты музыкалон скъолайы зарæггæнджыты къорд Гергити Валерийы номыл Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы адæмон оркестримæ. Программæмæ бацыдысты хæстон азты зарджытæ.
Мадзал байгом кодта ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан. Бузныджы ныхæстæ загъта концерты архайджытæн æмæ раарфæ кодта студенттæн æмæ уазджытæн бæрæгбоны фæдыл.
«Стыр Уæлахизы 81 азы юбилей у иууыл табуйагдæр бон. Иунæг бинонтæ дæр нæ баззад уыцы æвирхъау хæстæй æнæфæзынгæ: 600 адæймагæй фылдæр ныууагътой сæ ахуыр унверситеты æмæ ацыдысты Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ, 120 адæймагæй фылдæр та нал æрыздæхтысты. Абон истори фæлхат кæны, æмæ нæ 70 студенты æмæ дыууæ ахуыргæнæджы архайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы. Фæсивæдæн ахсджиаг у, цæмæй нæ адæм цы бавзæрстой, уый тыххæй рæстдзинад ма фесафой.Мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй не ‘ппæт дæр нæ фыдæлты хъæбатырдзинæдтæ мысæм фæлтæрæй фæлтæрмæ æмæ аргъ кæнæм нæ иудзинадæн, нæ хæлардзинадæн. Нæ бæллиц цæрынмæ, сфæлдисынмæ, зонындзинæдтæй дих кæнынмæ – уый тыххæй тох кодтой нæ хистæртæ. Уæлахизы боны хорзæх уæ уæд!», – загъта Огъуаты Алан.
Номарæн программæйы фæлгæтты ма университеты ацæудзæн къорд мадзалы. Уыдоны нымæцы акци «Георгиевская ленточка», аивæдты факультеты театралон хайады студентты архайдимæ, адæмон кафты сгуыхт ансамбль «Иристон»-ы концерт æмæ ахуырадон лекциты рад. 9-æм майы университеты студенттæ баиу уыдзысты æппæтуæрæсеон акци «Бессмертный полк»-мæ.
В СОГУ стартовал цикл памятных мероприятий к 81-й годовщине Великой Победы






