ЦИПУ-йы зонадон чиныгдоны ацыд Уæрæсейы ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ Уæрæсейы ДОСААФ-ы фæлварæн проект «Учись побеждать»-ы фæстиуджытæн нысангонд фембæлд.
Дыууæ къуырийы дæргъы 100 студенты ацыдысты теоретикон æмæ практикон ахуыртæ. Аэродромы æмæ æхсæн полигоны фæлтæрдджын инструкторты разамындæй ахуыр кодтой хæстон дисциплинæтæ, хæцæнгарзæй æхсын æмæ парашюттыл ахуырæй цæттæ кæныны бындуртæ. Проектæн кæронбæттæн ерыстæ ацыдысты ахуырадон центр «Тактика-А»-йы. Хъæзтыты архайджытимæ фембæлдысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан æмæ ДОСААФ-ы регионалон хайады сæрдар æмæ РЦИ-Аланийы практикон æхсты Федерацийы президент Хъантемыраты Барис.
Мадзалы райдианы ЦИПУ-йы арфæйы фыстæджытæй схорзæхджын кодтой студентты цæттæдзинады архайæг ДОСААФ-ы инструкторты.
Æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхас загъта ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан. Уый фæнысан кодта проекты ахсджиагдзинад фæсивæдæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ ДОСААФ-æн хъæппæрисы сæххæстæн æххуыс кæй кæнынц, уый тыххæй.
«Уый у тынг ахсджиаг дæсныйад, кæцы иу кæны адæмы, дæтты æмбарынад хæцæнгарзимæ куыд архайын хъæуы уымæн æмæ æнæмæнгхъæугæ физикон цæттæдзинад. Уæлдай бузныг зæгъын наукæ æмæ уæлдæр ахуырады Министрадæн ацы фæлварæн проекты фæдыл, нæ регион дзы архайдта нæ бæстæйы æндæр регионтимæ иумæ. Бузныг зæгъын Уæрæсейы ДОСААФ-æн уыцы хъæппæрисы тыххæй. Ныфс мæ ис, уый кæй суыдзæн студенттимæ уæрæх æмгуысты райдайæн», – загъта Огъуаты Алан.
Хъантемыраты Барис дæр фæнысан кодта архайджыты зæрдæргъæвддзинад æмæ йæ ныфс дары проекты фидæны рæзтыл.
«Иутæн ацы проект уыдзæн хуымæтæджы ног фæлтæрддзинад, иннæтæн та уыдзæн профессионалон фæндаджы райдайæн. Ис нæм æппæт хъæугæ фæрæзтæ, уымæ гæсгæ дарддæр цæттæ стæм ацы здæхæн рæзын кæнынмæ. Студентты цымыдисдзинад уынгæйæ, архайдзыстæм æхсызгонæй», – загъта Хъантемыраты Барис.
Уый ма радзырдта ДОСААФ-ы бындурыл хæцæнгарзæй æхсыны практикон хайад саразыны тыххæй, ЦИПУ-йы къорд ерыстæм бацæттæ кæныны тыххæй. Хъантемыраты Барис студенттæн радзырдта йæ профессионалон æмæ сфæлдыстадон фæндаджы истори – ВГИК-ы режиссерон хайады ахуыр, кинойы куыст, хæстон аивæдтæм æмæ æхсынмæ йæ уарзондзинад.
Уый фæстæ фембæлд адарддæр ис гом диалоджы форматы. Студенттæ лæвæрдтой фæрстытæ проекты фидæны тыххæй æмæ дзырдтой сæ хъуыдытæ. Архайджытæ загътой, хъæзтытæ кæй уыдысты позитивон фæлтæрддзинад, æмæ бирæтæ бахастой фæндон, цæмæй проект уа æрвылазон мадзал, цæмæй фылдæр студенттæ архайой.
Огъуаты Алан ма фехъусын кодта университеты студентон практикон æхсты лигæ саразыны фæдыл æмæ факультетты ‘хсæн спортивон эстафетæтæ аразын алы æмвæзадыл физикон цæттæдзинадимæ студенттæн. Фембæлды кæронбæттæны, чи рамбылдта, уыцы студентты схорзæхджын кодтой сертификаттæй.
В СОГУ подвели итоги проекта военно-патриотических игр «Учись побеждать»















