Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ацыд 2026 азы ЦИПУ-йы æхсæнфакультетон футболон Кубокы финал. Иу мæйы дæргъы университеты тыхджындæр командæйы номыл тох кодтой 20 командæйы алы факультеттæй.
Турнир сарæзта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студентон спортивон клуб «Алания».
Кæронбæттæн фембæлды æрлæууыдысты дыууæ командæйы экономикæ æмæ менеджменты факультетæй, «Экфак в городЭ» æмæ «Фыранк». Фыццаг командæ рамбылдта 7:1 хыгъдæй, æмæ сси ЦИПУ-йы футболон Кубокы хицау.
Кæронбæттæн ерысы фæстæ сарæзтой футболон турнир æмæ ЦИПУ-йы баскетболон кубокы уæлахиздзауты схорзæхджын кæныны церемони. Æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодтой ЦИПУ-йы фæсивæдон политикæ æмæ административон куысты фæдыл проректор Кокайты Алан æмæ экономикæ æмæ разамынды факультеты декан Геннадий Родионов.
«Университет активонæй рæзын кæны йæ инфраструктурæ, уый нын фадат дæтты нæ гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнынæн æмæ æппынæдзух арæзт цæуынц спортивон мадзæлттæ. Футболон турнир цыд æнæхъæн мæй æмæ æрæмбырд кодта университеты æппæт факультеттæ. Иуæй-иутæ дзы бацæттæ кодтой бирæ командæтæ, æмæ куыд уынæм, кæронбæттæн фембæлды ерысмæ рацыдысты экономикæ æмæ менеджменты факультетæй командæтæ. Ныфс мæ ис, ацы бон архайджытæн ирд æнкъарæнтæ кæй балæвар кæндзæн, турнир аразны традици та дарддæр дæр фидар кæндзæн нæ университеты спортивон удварн», – загъта Кокайты Алан.
Мадзалы сæрмагонд уазджытæ уыдысты Цæгат Ирыстоны хъæбысхæсты федерацийы президент Гусаты Мурат æмæ уæрæсейаг футболисттæ Айларты Амзор, ФК «Алани»-йы, Уæрæсейы фæсивæдон æмæ юниорты иугонд командæты раздæры хъазæг Кобесты Давид, ФК «Алани»-йы ныртæккæйы æрдæгхъахъхъæнæг, раздæр «Пари НН» æмæ «Химки»-йы чи хъазæг, 2003 азы Уæрæсейы чемпион ЦСКА-йы æмæ Уæрæсейы иугонд командæйы раздæры хъазæг Хъуысаты Алан.
Футболон турниры хатдзæгтæм гæсгæ дыккаг бынат бацахста экономикæйы факультеты командæ «Фыранк», физкультурæ æмæ спорты факультеты командæ «Победа» та æртыккаг бынат бацахстой. Турниры хуыздæр дуаргæсæй нымад æрцыд Къуымæллæггаты Валерий, хуыздæр æххуысгæнæгыл банымадтой Дзгойты Мараты, æппæты хуыздæр бомбардирыл та – Калоты Исламы.
Физкультурæ æмæ спорты факультеты командæ «Феникс» рамбылдта чызджыты ‘хсæн баскетболæй. Æвзист майдантæ рамбылдтой психологон-педагогон факультеты командæ, бронзæ та уырыссаг филологийы факультеты «Дрим тим». Турниры хуыздæр хъазæгыл нымад æрцыд Джиоты Светланæ.
Лæппуты ‘хсæн фыццаг бынат бацахста физкультурæ æмæ спорты факультеты командæ «Лучше, чем пахари». Дыккаг бынат бацахстой медицинон факультеты «Пахари», æртыккаг та – экономикæ æмæ разамынды факультеты командæ «Showtime». Турниры хуыздæр хъазæгыл нымад æрцыд Георгий Гарага.
Майдантæ æмæ кубоктæй дарддæр ма архайджытæ райстой зынаргъ лæвæрттæ конкурсы партнертæй.