Студентты нардыты хъазтæй спортивон лигæйы æххæстгæнæг директор Михаил Петров, Цæгат Ирыстоны нардытæй хъазты Федерацийы вице-президент Арсæгты Марат  æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студентон спортивон клуб«Алания»-йы  директор Мæхъиты Анзоры кусæг фембæлды ныхас цыд университеты ерыстæ саразыны фæдыл.

Фембæлды сæйраг темæ уыд уагдæтты ‘хсæн æмгуыстад, студентты ‘хсæн нардытæй хъазт рапарахат кæныны фæдыл. Бадзырдты фæстæ баныхас кодтой иумæйагæй ЦИПУ-йы чемпионат саразыныл, уæлахиздзаутæн та фадат уыдзæн университеты номæй архайын Студентты спортивон лигæйы рейтингон ерысты.

«Арфæ кæнæм ЦИПУ-йы разамонджытæ æмæ кусджытæн сæ активон архайдæй студентон спортивон программæтæ аразыны хъуыддаджы!»- фæнысан кодтой уагдоны.