Студентон хъæбысхæсты националон лигæйы дыккаг спортивон-ахуырадон цæттæгæнæн æмбырдтæ цæуынц Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты.
Уæгъдибар æмæ грекъаг-ромаг хъæбысхæсты цæттæгæнæн æмбырдты архайынц Уæрæсейы хуыздæр æстай спортсмены. Ацы богæлттæ архайынмæ фæхуыдтой Уæрæсейы чемпионаты хатдзæгтæм гæсгæ. Се `хсæн нæ университеты студенттæ æмæ рауагъдонтæ: Абуков Арслан, Бекъойты Артур, Абайты Георгий, Кцойты Алихан, Гæджиты Астан, Таугæзты Ирбег, Къомайты Фарнæг, Дзирати Алан, Годжысаты Георгий, æмæ Хинцæгты Марат.
Æмбырдтæн разамынд дæттынц Уæрæсейы студентон командæйы сæйраг тренер – уæрæсейаг æмæ азербайджайнаг уæгъдибар хъæбысæйхæцæг, 2010 азы Европæйы чемпион, 2011 азы Европæйы чемпионаты бронзæ призер Махмуд Магомедов æмæ ЦИПУ-йы тренер Сарахъати Игорь. Архайынц ма Мзокты Алан æмæ Багаты Вячеслав дæр.
«Сæрмагонд бузныг Огъуаты Аланæн, университеты хъæбысхæсты райрæзтыл активонæй кæй архайы, уый фæдыл. Уый ма фæнысан кæнын нæу мах бон дæр, Уæрæсейы хъæбысхæсты федераци дæр æмæ ма уыцы нымæцы Михаил Геразийы фырт Мамиашвили дæр активонæй æххуыс кæны университетæн ацы рæзтæн», – загъта Националон Студентон Лигæйы президент Остъаты Мурат.
Студентон хъæбысхæсты Националон лигæйы цæттæгæнæн æмбырдтæ цæуынц Уæрæсейы ахуырад æмæ наукæйы министрады æххуысæй ИТМО университетимæ иумæ, стæй ма дзы архайынц Уæрæсейы хъæбысхæсты Федераци æмæ Уæрæсейы студентон спортивон цæдис.
В СОГУ проходят сборы Национальной студенческой лиги спортивной борьбы





