Терроризмы ныхмæ тохы æмзæрдиондзинады бон, 2004 азы 1–3 сентябры Беслæны цы трагикон цаутæ æрцыд, уыдоны амæттæгты номарæн мадзал ацыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты.
Университеты кæрты æрæмбырд сты университеты разамынд, факультетты декантæ, ахуыргæнджытæ æмæ фыццæгæм курсы студенттæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Огъуаты Аланы ныхас уыд, ныртæккæ йæ университетон фæндаг чи райдыдта, уыцы студенттæм. Уый фæнысан кодта, зæгъгæ, Беслæны трагикон цауты мысынад æнустæм хъуамæ баззайа адæмы зæрдæты, æмæ цы рыст бавзæрстам, уый нæ ахуыр кæна кæрæдзи нымайын, бæрнондæр, хъуыдыджындæр уæвыныл.
«Тынг мæ фæнды, цæмæй уæ фыццаг бонтæ ЦИПУ-йы нысангонд æрцæуой, фыццаджыдæр, уæ царды ног къæпхæнимæ баст цины æнкъарæнтæй. Фæлæ хъуамæ уæ зæрдыл дарат, уе ’мгæрттæй иуæй-иутæ, хъыгагæн, сæ ног царды фыццаг бонты кæй нæ фехъуыстой ацы цины ныхæстæ. Уæ зæрдыл дарут, сывæллæтты чи ирвæзын кодта, уыцы ахуыргæнджыты æмæ, сæ цард нæ сывæллæтты хъахъхъæнгæйæ чи радта, уыцы сæрмагонд æфсæддонты.
Сымах та, кæстæртæ, кæрæдзимæ бæрнон æмæ аудгæйæ ут, кæрæдзи хъомыл кæнут, цæмæй уæ бон уа кæрæдзи æмæ нæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын!» — загъта Огъуаты Алан.
Мадзалы рæстæджы аивæдты факультеты 2-аг курсы студент Дзуццаты Дзамболат æмæ театралон аивæдты кафедрæйы доцент Дзиготы Алан радзырдтой ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл Беслæнæн нывондгонд æмдзæвгæтæ. Мысæн мадзалы кæронбæттæны ахуырдзаутæ мысæн æмæ хъыджы символæн арвмæ суагътой урс тымбылæгтæ.
В СОГУ прошла траурная линейка в память жертв бесланской трагедии



