Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ацыд хъуыддагон фембæлд-хъазт «На гребне волны», бацæттæ йæ кодта Цæгат Ирыстоны ПАО «Сбербанк»-ы хайад фæсивæдон амалхъомдзинады Центримæ иумæ. Хъазт сарæзтой университеты фыццаг курсы студенттæн.
Мадзал уыдис банк æмæ университеты æмархайды радон къæпхæн, йæ нысан уыд фæсивæды ‘хсæн амалхъомдзинады компетенциты райрæзт. Æртæ сахаты дæргъы уыдон рацыдысты æхсæз тематикон этапы: æмхиц цæмæ сты, уый ссарынæй йæ реализацийы æмæ æхца райсыны бæлвырд къахдзæфтæ саразыны онг. Денджызы балцы метафорæ – «уылæнтæ», «тымыгътæ», «рифтæ» æмæ «горизонттæ» – сывæллæттæн фадат лæвæрдтой интерактивон æгъдауæй сæ тыхтæ анализ кæнынæн, гæнæн тæссаг уавæртæ сбæрæг кæнынæн æмæ архайды бæлвырд пълан саразынæн.
ЦИПУ-йы номæй амонæг уыд фæсивæдон амалхъомдзинады Центры директор Меликсетянц Рузанæ.
«Абоны хъазт у фадат алы архайæгæн дæр æруромын, йæхимæ æрыхъусын æмæ бамбарынæн, æцæгæйдæр æнкъарæн цæмæ сæвзæры. Мах барæй равзæрстам активон æмгуыстады формат, цæмæй студенттæн сæ бон уа сæхи фæлтæрддзинад бавзарын – агурой, дызæрдыг кæной, сæ фæндтæ хъарой æмæ баныхас кæной. Уырны мæ, ахæм проекттæ кæй æххуыс кæнынц фæсивæдæн сæ фæндаг равзарынмæ æмæ рæзынæн цыфæнды уавæры дæр. Бузныг зæгъын мæ коллегæтæн Сбер-æй, æппынæдзух кæй æххуыс кæнынц нæ хъæппæристæн æмæ иумæ кæй кусæм ахæм уавæр саразыны фæдыл, ам гуырынц фидæны лидертæ æмæ амалиуæггæнджытæ», – фæнысан кодта Меликсетянц Рузанæ.
Хъазт арæзт æрцыд къорды куысты æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны принциптыл: архайджытæ æвзæрстой хъæппæристæ æндæр къордты минæвæрттæн, агуырдтой сæ равзæрсты æнахуыр райхæлд æмæ фæлвæрдтой сæ цæстæнгас æвдисыны. Кæронбæттæны ацыд этап «Загляни за горизонт», ам алчидæр йæ нысанмæ фыццаг æртæ къахдзæфы скодта бæлвырд æмгъуыдтæ æмæ фæстиуæджы критеритимæ.
Фæсивæдон амалхъомдзинады Центр æмæ ПАО Сбербанк дарддæр дæр иумæ кусдзысты Цæгат Ирыстоны курдиатджын фæсивæдæн æххуыс кæныны ног форматтыл. Ныридæгæн ныхас цæуы ахæм проекттыл, кæцытæ баххуыс кæндзысты студенттæн сæхи ноджы ныфсджындæрæй æнкъарын дæсныйæдты æмæ бизнесы дунейы.
Специалисты Сбера провели деловую игру для первокурсников СОГУ





