Микробиологи æмæ биотехнологийы зонадон лабораторийы кусæг, ЦИПУ-йы æрдзон зонæдты факультеты «Зайæгойты бындурыл хæлцадон продукттæ»-йы дæсныйадыл ахуыргæнæг 3-аг курсы студент Цæллаты Георгий 21-æмæй 23-æм октябрмæ Геленджикы архайдта V -æм уæрæсейаг сæны форумы.
Форум æрæмбырд кодта 1500 архайæгæй фылдæр, се ‘хсæн федералон æмæ регионалон хицауады уагдæтты минæвæрттæ, стыр сæндæттæ, дуканитæ, ресторанты индустри, наукæ æмæ экспертон æхсæнад. Форумы ныхас цыд Уæрæсейы сæндæтты райрæзтыл, сæнæфсиры æмæ сæндæттæ аразыны нырыккон технологитæ æххæст кæныныл, специалисттæ цæттæ кæныныл, стæй этнотуризмы райрæзтыл. Программæйы ма уыдысты экскурситæ кондадон объекттæм, сæнæфсирдæттæм æмæ туристон инфраструктурæмæ.
Форум сарæзтой Фонд Росконгресс æмæ Уæрæсейы сæндæттæ æмæ сæнаразджыты ассоциаци Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, «Россельхозбанк» æмæ Курчатовы номыл институты национ иртасæн Центры æххуысæй.
Молодой ученый СОГУ принял участие в форуме по развитию винодельческой отрасли России