Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ахуыргæндтæ иртасынц бынæттон фæткъуытæй райсгæ пектинæй спайда кæныны гæнæнтæ артæнбынæн пайдайаг бактериты рæзтæн, стæй ма агурынц фадат сок уадзыны баззайæццæгтæй хæлцадон промышленностæн ахадгæ хомаг аразынæн.
Иртасæныл куысынц ЦИПУ-йы хæлцадон технологиты кафедрæ æмæ системон экологион анализы лабораторийы иумæйаг проекты фæлгæтты. Лабораторийы аспирант Остъаты Аланæ ахуыр кæны пектины пребиотикон миниуджытæ, кафедрæйы сæргълæууæг Бениамин Маркарян та иртасы йæ пайдайы гæнæнтæ цыхт ахсгæйæ, цæмæй фæхуыздæр уа йæ функционалон миниуæг, фæфылдæр уа хъахъхъæныны æмгъуыд æмæ фæбæрзонддæр уа пребиотикон эффект.
Специалисттæ фæткъуыйæ хицæн кæнынц пектин æмæ йын иртасынц йæ миниуджытæ куыд пребиотик. Уый тыххæй аразынц æртæмбыны уавæры хуызæг æмæ кæсынц бифидобактериты æмæ лактобациллæты рæзт æмбæлгæ уавæры куыд цæуы, уымæ.
Ахуыргæндтæ уæлдай æргом здахынц бынæттон хомагмæ. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, регионы цы фæткъуы зайы, уыдонæй пектины æфтиаг у фылдæр, иуæй-иу æндæр æрмæгимæ абаргæйæ. Ахуыргæндтæ нырма хъуамæ сбæрæг кæной уыцы хицæндзинады аххосаг æмæ цы пектин рацæуы, уый миниуджытæ.
Иртасæн куыстыты æндæр фæзилæнмæ хауы фæткъуыйæ сок уадзгæйæ баззайæццæгты æндæр продукттæ аразыны куыст. Ахæм хомагæн йæ бон у пектины æфтауц уæвын æмæ уый фадат дæтты рауагъды баззайæццагæй хъæугæ компонент райсынæн.
Фидæны иртасæны фæстиуджытæ сæ бынат ссардзысты хæлцадон промышленносты, уыцы нымæцы пребиотикон миниуджытæ кæмæн ис, ахæм продукттыл кусгæйæ. Ахуыргæндтæ ма иртасынц пектин хæлцадон продуктты сконды, зæгъæм, цыхты, йæ хæрзхъæддзинад æмæ хъахъхъæныны æмгъуыдыл йе ‘ндæвдад сбæрæг кæныны фæдыл.
Дарддæры иртасæнтæ бæлвырддæрæй баххуыс кæндзысты бынæттон фæткъуыйæ райст пектины миниуджытæ сбæрæг кæнынæн æмæ йæ пайдакæнынады хъæзхъæддзинадæн аргъ раттынæн.






