Цæгат Ирыстоны 1,6 мин адæймагæй фылдæр архайдтой æхсæнадæмон ахуырадон мадзал «Географический диктант – 2026»-ы, сарæзта йæ Уæрæсейы географион æхсæнад.

Диктант ныффыссынæн республикæйы снысан кодтой фæндзай æртæ фæзуаты. Сæ иу уыд Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет, ам сæ зонындзинæдтæ фæлвæрдтой 200 адæймагæй фылдæр.

ЦИПУ-мæ æрбацыдысты республикæйы 17 ахуырадон уагдоны скъоладзаутæ, техникумты студенттæ, стæй Æфсæддон цæттæдзинады центры курсанттæ. Мадзалы ма уыдысты ЦИПУ-йы ректор æмæ Уырыссаг географион æхсæнады регионалон хайады сæрдар Огъуаты Алан æмæ мадзалы кадджын уазæг, номдзыд альпинист æмæ «Снежный барс»-ы номы хицау Хамыцаты Хъазыбег.

ЦИПУ-йы ректор æмæ Уырыссаг географион æхсæнады регионалон хайады сæрдар Огъуаты Алан загъта:

«Географион диктант дæтты фадат ногæй æркæсын дæ бæстæмæ, йæ историмæ, йæ æрдзмæ æмæ йæ территориты хъæздыгдзинадмæ. Ахсджиаг у уый, æмæ иу кæны алы кары адæмы, сæйрагдæр та скъоладзаутæ æмæ студентты. Уый сын æрмæст сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæныны фадат нæу, фæлæ ма исты ногдзинад раиртасын, географимæ цымыдисдзинад райтынг кæнын, стæй Уæрæсейы тыххæй фылдæр базонын», ‒ загъта Огъуаты Алан.

Фыццаг дæс фарсты арæзт æрцыдысты зындгонд географион факттæ æмæ скъолайы программæмæ гæсгæ. Иннæ фæрстытæн хъуыд канд зонындзинæдтæ нæ, фæлæ ма логикæ, эрудици æмæ сфæлдыстадон хъуыдыкæнынад. Сæйраг къæпхæны фæстæ архайджытæн сæ бон уыд сæхи уæлдæр æмвæзадыл бафæлварын ноджы 20 вазыгджындæр фарстæн дзуапп дæтгæйæ.

Æнæхъæн азы дæргъы Уырыссаг географион æхсæнады регионалон хайад кодта йæ хъомыладон куыст скъоладзаутимæ: сарæзта мастер-класстæ геодези, рельеф, бынаты арæхсынæй, архайдта акци «Уроки из океана»-йы, арæзта лекцитæ бæлццон æмæ ахуыргонд Николай Миклухо-Маклайы тыххæй.

Туризмы райрæзт æмæ æрдз хъахъхъæнынад дæр уыдысты фыццаградон хæслæвæрдты нымæцы. УГÆ-йы фæсивæдон клуб сарæзта туристон индустрийы нымæцон æгъдауæй æххæст кæнынæн нывондгонд проект «Умный курорт: услуги будущего». Æхсæнады минæвæрттæ архайдтой экскурсоводты æмæ инструкторты цæттæ кæныны, стæй курорт Мамысоны ЦИПУ-йы спортивон клуб «Алания»-йы къахдзоныгътыл бырыны сезон байгом кæныны. Алфæмблай хъахъхъæныны куыстытæ дарддæр кодтой гигантон секвойя ныссадзынæй. Ног бæлæстæ ныссагътой Дзуарыхъæуы уæрæсейаг бæлццæттæ Саша Холодный æмæ Андрей Покатилойы хайадистæй, стæй Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ. Садзæн бынат сбæрæг кодтой, раздæр университеты ахуыргæндтæ кæй ахуыр кодтой, уыцы бынаты климатон уавæртæм гæсгæ.

Иннæ зонадон-экологон куысты æнтыст йæ къухы бафтыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенткæ Мамиаты Кристинæйæн. Йæ проект «Геоэкологическая оценка состояния реки Урух» бахауд Уæрæсейы гом фæсивæдон доны конкурсы 25 хуыздæр куысты ‘хсæн. Конкурсмæ бацыд 1500 курдиаты бæрц Уæрæсейы алы регионтæй æмæ фæсарæнтæй. Студенткæ ссис суперфиналист номинаци «Охрана и восстановление водных ресурсов»-ы.

Географийы диктант аразы æрвылаз Уæрæсейы географион æхсæнад æмæ йæ нысан у географион зонындзинæдтæ парахат кæнын æмæ Уæрæсейы географи æмæ йæ æрдзон æмæ культурон бынтæ ахуыр кæнынмæ цымыдисдзинад фæбæрзонддæр кæнын.

Более 1,6 тыс. жителей Северной Осетии написали Географический диктант