Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты дыууæ боны дæргъы ацыдысты амалхъомдзинады дæсныйæдтæ ахуыр кæныны тренингтæ «Стартап в игре». Мадзал арæзт æрцыд университеты технологон амалхъомдзинады Платформæйы фæлгæтты Пятигорскы паддзахадон университеты архайдимæ. Индустриалон партнертæ уыдысты Сбербанчы цæгатирыстойнаг хайад æмæ горæты стоматологон клиникæ №1 Дзæуджыхъæуы.
Æдæппæтæй архайдтой 138 адæймаджы. Студенттæ архайдтой хъазты бындурыл хъуыдытæ æвзæрын кæнын, базарадон анализ æмæ сарæзтой сæхи проекттæ экспертты разамындæй, æвдыстой сæ партнертæн.