Пекины университеты Шэньчжэны уæлдæр скъолайы цæуы Уæрæсе æмæ Китайы университетты ректорты VIII-æм форум, Уæрæсе æмæ Китайы 30 университетæй фылдæрæй æрæмбырд кодта 100-йæ фылдæр минæвар æмæ разамонæджы. Цæгат Ирыстоны номæй æхсæнадæмон мадзалы архайы Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан.

ЦИПУ рæзын кæны зонадон æмгуыстад Китайы университеттимæ. Профессор Махъоты Тамерлан Шанхайы инженерон университетимæ иумæ аразы проекттæ ног æрмæджытæ æмæ химийы къабæзты. ЦИПУ-йы доцент Гутнаты Алинæ ацыд зонадон стажировкæтæ Харбины технологион институты æмæ Харбины инженерон университеты, уыдонимæ университет рæзын кæны æмгуыстад математикон зонæдты фадыджы. Ацы æмгуыстады фæстиуæгæн ма рауагътой иумæйаг зонадон публикацитæ Гутнаты Алинæ æмæ физикон-математикон зонæдты кандидат Плиты Марат сæ китайаг коллегæтимæ.

«Владимир Путин æмæ Си Цзиньпин снысан кодтой 2026 æмæ 2027 азтæ Уæрæсе æмæ Китайы æмгуыстадæн ахуырады. Ацы ног æмвæзад уæрæсейаг-китайаг æмгуыстадæн уæлдæр ахуырады дæтты фадат университеттæн сæ зонадон потенциал баиу кæнынæн, æхсæндисциплинарон къордтæ саразынæн, æмæ иумæйагæй æрбæстон кæнын зонад æмæ технологиты нырыккон фæрстытæ. ЦИПУ-йæн ныридæгæн ис фæлтæрддзинад Китайы университеттимæ æмгуыстадæй æмæ махæн ахсджиаг у ацы бастдзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнынмæ. Уырны мæ, форум кæй суыдзæн,  практикон ахадындзинад кæмæн уыдзæн, ахæм ног бадзырдтæ æмæ проекттæ аразыны фæзуат», — фæнысан кодта ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан.

Форумы фæлгæтты æруынаффæ кæндзысты уæрæсейаг-китайаг æмархайды перспективæтыл уæлдæр ахуырады, иумæйагæй специалистты цæттæдзинадыл, стæй зонадон иртасæнтыл.

Архайджытæн арфæ ракодтой Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко æмæ Уæрæсейы наукæ æмæ уæлдæр ахуырады министр Валерий Фальков. Уыдон фæнысан кодтой дыууæ бæстæйы университетты ‘хсæн академион ивæндзинæдтæ, иумæйаг ахуырадон программæты æмæ зонад-иртасæн партнерады рæзт. Пекины университеты ректор Гао Сун сбæлвырд кодта университеты цæттæдзинад Уæрæсейы университеттимæ зонад-иртасæн æмгуыстад фæуæрæхдæр кæнын æмæ иумæйаг ахуырадон проекттæ аразынмæ.

Форумы рæстæг ма бафыстой уæрæсейаг æмæ китайаг университетты æмгуыстады ног гæххæттытæ.

Алан Огоев принимает участие в форуме ректоров российских и китайских университетов в Шэньчжэне