- Хетæгкаты Къоста Леуаны фырт (мыхуыры цыд ном «Къоста»-йæ) – зындгонд ирон поэт æмæ æхсæнадон архайæг, ирон аив литературæйы æмæ ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг. Райгуырдис Къоста 15 октябры 1859 азы Нары хъæуы, ныры Алагиры районы, Цæгат Ирыстоны. Ахуырад райста Дзæуджыхъæуы гимназийы, Стъараполы классикон гимназийы æмæ Бетъырбухы аивæдты Академийы (1881- 1885 азты).
- Ирыстонмæ æрыздæхгæйæ, Къоста сфæлдыстадон куыстимæ кодта рухстауæн куыст дæр: арæзта æвдыстытæ (выставки), музыкалон-литературон изæртæ, архайдта сценикон аразгæ аивады райрæзтыл (искусство?) æмæ Ирыстоны скъолаты ахуырадыл. Дзырдæн, уыди карз ныхмæлæууæг 1891 азы Дзæуджыхъæуы Ольгинскæйы сылгоймæгты скъола губернийы хицауад куы æхгæдтой, уæд уымæн. Уæды рæстæджы уый уыд Дзæуджыхъæуы иунæг ахуырадон уагдон хæххон сылгоймæгтæн. Бынæттон интеллигенцийы протест Хетæгкаты Къостайы сæргълæудимæ бахъыгдæрдта ацы хъуыддаг сырæзынæн. Фæлæ ахæм ныхмæлæуды акци фæцис Къостайы ахастæй Терчы облæстæй 5 азы бæрцмæ.
- 1893 азы февралы ссис æнæсцухæй чи куыста, ахæм æмкусæг, растдæр зæгъгæйæ та – газет «Северный Кавказ»-ы редактор. Кодта идеологион æмæ политикон тох Кавказы паддзахады администрацийы фыдархæйдтыты ныхмæ. Уый тыххæй майы мæйы дыккаг хатт хаст æрцыд Ирыстонæй. Дыууæ азы фæстæ æрцыд йæ Райгуырæн зæхмæ, фæлæ уыцы хъизæмары рæстæджытæ æнæ фæзынгæ нæ фесты Къостайы æнæниздзинадыл: 1903 азы уæззау рынчын фæцис æмæ йæ бон нал баци активон сфæлдыстадон куыстмæ раздæхын.
- Поэт йæ фæстаг азтæ арвыста йæ фыды хæдзары Георгиевско-Осетинское-йы хъæуы – ныры Хетæгкаты Къостайы хъæу – Хъæрæсе-Черкессийы республикæйы. Къоста йæ цардæй ахицæн 1 апрелы 1906 азы. Ныгæд æрцыдис Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Мадымайрæмы номыл аргъуаны.
- Хетæгкаты Къоста ныууагъта хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ – фондзтомон уацмысты æмбырдгонд. Уый фыста йæ уацмыстæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Уырыссаг æвзагыл фыст æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ фыццаг хатт мыхуыры рацыдысты хицæн чиныгæй 1895 азы Стъараполы «Æмдзæвгæтæ», зæгъгæ. Фæлæ Къостайы сфæлдыстадон тых æмæ хъару, йæ зæрдæскъæфæн поэтикон курдиат банкъарæн ис æрмæстдæр йæ æнæмæлгæ «Ирон фæндыр»-ы, кæцы рухс федта 1899 азы. Кæд Иры номдзыд поэт йæ уацмысты сидтис Кавказы адæмты ныхкъуырддзинады ныхмæ, уæддæр Къоста йе ’мзæххонтæм сидтис æввахс лæууын «культурæйы хæрзтæм», удварны иудзинадмæ сæ иумæйаг Райгуырæн бæстæимæ – Уæрæсеимæ. Уырыссаг демократты традицитæ хæссæг, сæрхъуызой æмæ тохгæнæг уыд æппæт бæстæйы æфсымæрон иудзинадыл.
- Хетæгкаты Къостайы поэтикон фæндаг райрæзти уырыссаг аивадон культурæйы æмæ ирон адæмон сфæлдыстады бындурыл. Уый сарæзта уникалон индивидуалон-профессионалон традици Ирыстоны дзырды дæсныйады, поэтикон дзырды ныффидар кодта æппæтнацион хъуыддаджы нысаниуæг. «Ирон фæндыр» мыхуыры куы рацыд, уæд уый фæстæ ирон адæмы удварнон цард ссис зындонау æнæ поэтикон дзырдæй. Афтæ ма Къоста уыд фыццаг профессионалон нывгæнæг. Уырыссаг нывгæнджыты – реалистты фæдон, стыр арæхстджынæй равдыста йæ нывты хуымæтæг адæмы цард, фыста хуыздæр адæмты сурæттæ æмæ райгуырæн Кавказы пейзажтæ.
- XX æнусы Къостайы сфæлдыстадон бынтæ ссардтой æппæтдунеон ахадындзинад æмæ уарзондзинад, йæ уацмыстæ тæлмац æрцыдысты бирæ æвзæгтæм. Номдзыд поэты æхсæнадон æмæ сфæлдыстадон архайд систы бирæнымæцон иртасджыты æнæсцухæй кусыны æмæ хъусдарыны объект. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сæйраг горæтты – Дзæуджыхъæуы æмæ Цхинвалы – æвæрд æрцыдысты поэты монументалон цыртдзæвæнтæ, йæ ном ын кадджынæй хæссы нæ Республикæйы сæйраг уæлдæр ахуырады уагдон – Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет.