Зынаргь абитуриенттæ, студенттæ, æмкусджытæ!
Афтæ фæзæгъынц, цæмæй саразай æмæ бацæттæ кæнай англисаг газон, уый тыххæй йæ хъæуы къуыри иу хатт кæрдын, фæлæ æртæсæдæ азы фæд-фæдыл. Ацы истори зæрдыл æрлæууын кæны ахуырадон системæйы райрæзт (становление). Цæмæй адæймаг исты æнтыстдзинад райса, уый тыххæй йæ хъæуы æнæсцухæй кусын.
Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университет лæууы йæ сæдæйæм азы къæсæрыл. Мах цæсты гагуыйау хъахъхъæнæм нæ фыдæлты уæлдæр ахуырады скъолаты традицитæ æмæ уыимæ активонæй архайæм размæ цæуыныл, ахуырадон сферæйы размæдзыд тенденцитæ хынцгæйæ.
Университеты культурæ стыр ахъаз фæци горæт Дзæуджыхъæуы, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ ма суанг æнæхъæнæй Уæрæсейы райрæзтæн. Алыхуызон архайдтыты сферæты бæрзонд фæстиуджытæ райсгæйæ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты (ЦИПУ-йы) рауагъдонтæ ахсынц раззагдæр æмæ ахъаззагдæр бынæттæ (позицитæ) политикæйы, экономикæйы, бизнесы æмæ наукæйы. Зынгæ профессортæ æмæ ахуыргæнджытæ дæттынц æнтыстдзинады хъæугæ бындур нæ университетæн.
Университеты ис ахуыры æмæ хъомыл кæныны уавæртæ ног фæлтæрæн, абон раст чи хъуыды кæны, чи зоны, цавæр дæсныйад равзара, ахæмтæн. Ацы ран рæзынц канд профессионалон компетенцитæ нæ, фæлæ ма æцæг адæймаджы миниуджытæ дæр: граждайнаг хъомылдзинад, патриотизм, бæрнондзинады æнкъарæн, разамонæджы миниуджытæ æмæ иумæйаг культурæ.
Абон университеты сæйраг райрæзты къабаз – суæвын химæлвæсты центр, нæ Республикæйыь размæ тырнындзинады инновацион артдзæст. Мах гом кæнæм ног хайæдтæ æмæ здæхтытæ, аразæм уæрæх партнерон бастдзинæдтæ, кæцытæ стыр ахъаз фæуыдзысты нæ дарддæры куыстæн. Бар нын уыдзæн оперативон æгъдауæй дзуапп дæттын экономикæйы домæнтæн, рæстæгыл æхгæнын технологион фæлхасгæнæнтæ, раиртæстытæ æмæ дæсны кусджытæ (кадртæ).
Нæ размæ цы хæстæ сæвæрдтам, уыдон сæххæст кæнынæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетæй хъæуы саразын сæйраг регионалон экономикæйы уæлдæр ахуырадон куыстуат. Университеты райрæзты стратеги махæн бар дæтты классикон ахуырадон уагдонæй уæндонæй размæ цæуынæн ног фæлтæрты университетмæ, кæцыйы æвдыст æрцæудзысты наукон, ахуырадон, амалиуæгон æмæ инновацион здæхтытæ.
Ныфс мæ ис, студентты, ахуыргæнджыты æмæ æмкусджыты иумæйаг хъæрутæй нæ фæндтæ кæй бафтдзысты нæ къухы, уый.
ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан Уырызмæджы фырт