Цæгат Ирыстон æмæ Ираны хсæн ахастдзинæдтæ уæрæхдæр кæнынц. Цæгат Ирыстоны Паддзахадон Университеты байгом кодтой Ирайнаг культурæйы центр.
Æнтыстджынæй студенттæ ахуыр кæнынц персайнаг æвзаг – фарси. Уыимæ ма æндæр ахсджиаг хъуыддæгтыл бæстонæй кусынц.
Курсыты æрбайгомы фадат фæзынд ЦИПУ æмæ Алламе Табатабаийы номыл Тегеранаг университеты æхсæн æмгуыстады фæдыл бадзырд бафыссыны фæрцы.